Сабырады фонд

«Сабырдзинады фонд хуыздæр фидæны тыххæй» (Сабырдзинады фонд) у æнæамалиуæгон (æнæкоммерцион) юридикон уæнг, кæцы арæзт æрцыд 2019 азы.

 

Сабырдзинады фонды нысан у дихгæнæг хаххы дыууæрдыгæй цæрæг конфликтæй зианбаййафæг цæрджыты фæтыхджындæр кæнын æмæ сæ социалон-экономикон уавæр фæхуыздæр кæнын экономикон бастдзинæдты æмæ бизнес-проекттæн æххуысы фæрцы.

 

Снысангонд нысан къухы бафтын кæныны тыххæй Сабырдзинады фонд æрвылаз дæр расидт грантты конкурс, кæцыйы бындурыл финанс кæны хуыздæр бизнес-проекттæ æмæ хъæппæристæ.

 

Сабырдзинады фонд финансгонд цæуы æхсæнадæмон донорты руаджы.

 

Сабырдзинады фонд йæ архайды разамынд дæтты æргомдзинады, закъондзинады, æнæхиндзинады, дискриминацийы цыфæнды формæйы тобæдзинады, гендерон æмбарады хъахъхъæды, гранттæм æмхуызон æрбацыд æмæ конфликты зианбаййафæг цæрæг адæммæ æнкъарæндзинад æмæ статус-нейтралон принциптæй.

 

Фондæй финансгонд:

- Абхазы кæнæ Цхинвалы регионты цæрæг 18 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм физикон гоймаг(тæ);

- Гуырдзыстоны æмбæстаг, кæцы 18 азы сæххæст Гуырдзыстоны иннæ хайы цæргæйæ, кæд æмæ гранты проект иумæйагæй æххæст кæнынц Гуырдзыстоны æмбæстаг æмæ 18 азы кары чи сæххæст, ахæм адæймаг(тæ) Абхазы/Цхинвалы цæргæйæ регион, дихгæнæг хаххы дыууæрдыгæй дæр;

- Æмгуыстады фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ, иумæйагæй арæзт амалиуæггæнæг юридикон уæнг.

 

Финанскæныны фадгуыты сты:

- хъæууон хæдзарады къабаз (зæгъæм, зæххы куыст, фосдард, мæргътæ дарын, цæхæрадоны куыст, кæсаг ахсын, мыдыбындзытæ дарын);

- Промышленнон къабаз (зæгъæм, куыстгæнæн æмæ кондад).

Финансиргонд æрцæудзысты куыд уæвæг амалиуæгады рауæрæхдæр кæнынæн, афтæ ног экономикон архайдтытæн дæр.

 

Финансиргонд чи нæу, ахæм бынæттæ:

Фонды грантон программæ нæ финанс кæны лæггæдты секторимæ баст экономикон архайдтимæ баст проекттæ (зæгъæм, уазæгдон æмæ рестораны архайд, хæрæндон, рæсугъддзинады салонтæ, базарадон объекттæ, автомобилон лæггæдтæ/хæрæндон, ахуырад æмæ наукæ, медицинæ, финансон лæггæдтæ, транспорт , медиа, рекламæ, нымæцон лæггæдтæ, мадзæлттæ, логистикæ, иртасынæдтæ, хъазты бизнес æмæ хъазæн хъæзтытæ, профессионалон лæггæдтæ, политикон, хæрзаудæн æмæ дины архайдтытæ).

 

Гранты программæ ма нæ финанс кæны: тæссаг буаргъæдты рауагъд; Абхаз æмæ Цхинвалы регионтæй Гуырдзыстоны иннæ хаймæ товартæ ласын/æлхæнын, кæцытæ Абхазы æмæ/кæнæ Цхинвалы регионты нæ уадзынц кæнæ нæ равзæрдысты; Абхаз æмæ Цхинвалы районты акцизон товартæ (бынæттонæй уагъд тамакойы продукттæ æмæ карз нозтæй дарддæр) рауадзын.

 

Финанскæныны æмвæзад:

Гранты программæйы фæлгæтты иу бенефициарæн фонды финанскæнынад бæрæггонд у куыд 5000 ларийæ къаддæр æмæ 15000 ларийæ фылдæр нæу, бенефициарты къордæн та 15 000 ларийæ къаддæр æмæ 50 000 ларийæ фылдæр нæу.

 

Финанскæныны хуыз:

Грантон программæйы фæлгæтты æххæстгонд æрцæудзæн сæйраг фæрæзты балхæд æмæ, куы бахъæуа, уæд бенефициары æрбавдыст æмбæлон документмæ гæсгæ кондады процесс райдайынæн æнæмæнгхъæуæг хомаг æмæ хардзгæнæн æрмæджы балхæд.

 

Фонды æрдыгæй лæвæрд гранттæ нæй бар:

- æнæзмæлгæ мулк балхæнын (уыимæ зæхх дæр);

- ахæм хæрдзтæ, кæцытæ ныридæгæн финансгонд цæуынц æндæр организацийы, программæйы фæрцы;

- Хисæрмагонд пайдайæн хæдтулгæ балхæнын, агробизнесы архайдæн нысангонд фæрæзтæй дарддæр (зæгъæм, трактор).

 

Куырдиат бавдисын:

Гранты курдиæттæ/проекттæ Сабырдзинады фонд исы гранты конкурсы фæлгæтты, кæцы æрвылаз расидтæуы электрон хуызы, гуырдзиаг, уырыссаг кæнæ англисаг æвзæгтыл.

 

Бæлвырддæр информацийы тыххæй кæсут - https://peacefundbf.org/.

Бастдзинад: pfbf@pfbf.org

img
img
img
  • svg
    Æфтиæгты хъалонтæй ссæрибар у
  • svg
    Куыстуат æфтиæгты хъалонæй ссæрибар кæн
  • svg
    Æфтаугæ аргъы хъалонæй ссæрибар у
0

иумæйаг бизнес-проектæй фылдæр

0

милуан ларийы коммерцион гранттæ