Кæд (легитимонæй) цæрут Абхазы, кæнæ та Цхинвалы регионы, уæд уын ис къорд документы, кæцытæ гом кæндзысты алыгъуызон фадæттæ бæстæйы мидæг æмæ уын фадат ратдзысты æппæт хъæугæ лæггæдтæ райсынæн.
Уникалон, бынтон нейтралон документтæ арæзт сты сæрмагондæй уæ хъуагдзинæдтæм гæсгæ, кæцытæ æвзæрын кæнынц æрмæстдæр бартæ æмæ фадæттæ, зæгъæм, хæрзхъæд медицинон лæггæдтæ райсын æмæ алыгъуызон программæты архайын, экономикон архайдтытæ райдайын æмæ уый тыххæй компани саразын, коммерцион , ахуырадон, зонадон кæнæ æндæр хуызы гранттæ / финанскæнынад райсын, банчы хыгъд байгом кæнын æмæ а.д.
Гуырдзыстоны æмбæстагдзинад райсыны цауы, уæ бон уыдзæн æнæ визæйæ ацæуын Европæйы/Шенгены æмæ дунейы бирæ æндæр бæстæтæм, афтæ дæр ахуыр кæнын ацы бæстæты раззагдæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты.
Дæуæн сæрмагондæй арæзт лæггæдтæ кусынц фæхуымæтæгдæргонд хуызы, иу рудзынджы принципмæ гæсгæ, цæмæй цыбырдæр рæстæгмæ райсай æппæт хъæугæ гæххæттытæ, уыцы нымæцы, иуæй-иу цауты, электрон хуызы æмæ бынтон æнæаргъæй.
Спайда кæнут ацы фадæттæй, суут сæрибар æхсæнады хай æмæ райсут хъæугæ документаци.