Абхазы æмæ Цхинвалы регионты цæрæг адæмæн ис фадат сæ уæвæг микро, чысыл кæнæ астæуккаг амалиуæгады райрæзт æмæ уый тыххæй курдиат бадæттынц «Скæн Гуырдзыстоны» регионалон консультативон центртæм, цыран райсдзысты профессионалон консультацитæ, хъæугæ информаци æмæ фæбæрзонддæр кæнын сæ бизнес-арæхстдзинæдтæ, уый та сын баххуыс кæндзæн сæ архайд æнтыстджынæй æххæст кæнынæн.
Консультативон центртæ ис 4 горæты: Тбилисы, Зугдиды, Батумы æмæ Телавы.
Консультативон центртæ сты:
арф бизнес-диагностикæ æмæ бизнесы хъуагдзинæдтæ сбæрæг кæнын;
Æмбæлон консультацион лæггæдтæ райсын ахæм здæхтыты:
• Уæйгæнæн æмæ маркетинг
• Хъалонты фарстатæ
• Юридикон фарстатæ
• Финанстæ æмæ бухгалтери
• Бизнесы моделирдзинад æмæ стратегийы пъланкæнынад
• Цифронизаци
Консультативон лæггæдтæй пайда кæнынæн лæвæрд цæуы 90% онг æмфинансирдзинад. Кæсут лæггадæй пайда кæныны этаптæ æмæ уавæртæм веб-фарсыл:
(https://growthhub.gov.ge/ka > ბიზნესის მხარდაჭერა > ინფორმაციით უზრუნველყოფა)
Бизнесы дæсныйæдтæ фæхуыздæр кæнын, уыцы нымæцы ахæм мадзæлтты архайгæйæ:
• Ахуыртæ - 2-7 боны дæргъы вазыгджын ахуыртæ æвзæрст темæйыл;
• Семинартæ – 2-7 сахаты практикон мадзæлттæ æмæ ахуыртæ;
• Ахуырадон программæтæ - уæлдæр æмæ профессионалон скъолатимæ æмархайдæй арæзт дæргъвæтин ахуырадон программæ;
• Хъуыддагон фембæлдтæ - секторон фембæлдтæ, кæцытæ лæггад кæнынц фæлтæрддзинад дих кæнынæн æмæ хъуыддагон цирчы æхсæн бастдзинад фæарфдæр кæнынæн;
• ахуыртæ - фæлтæрддзинады дих кæнын амалхъом адæймæгты æхсæн, кæцытæн ис æндæр æмæ æндæр фæлтæрддзинад (уыцы нымæцы æнæхъахъхъæд къордтæ, куыд сылгоймæгтæ, инвалидтæ, мидæггагон æрцæуæггæгтæ æмæ æнд.).
Бизнесы дæсныйæдты рæзты мадзæлтты хайад райсын гæнæн ис куыд физикон, афтæ онлайн хуызы дæр. Мадзæлттæм бацæуынæн хъæуы развæлгъау регистраци. Кæсут лæггадæй пайда кæныны этаптæ æмæ уавæртæм веб-фарсыл: (https://growthhub.gov.ge/ka > ბიზნესის მხარდაჭერა > ინფორმაციით უზრუნველყოფა)
Райсут æппæт хъæугæ информаци:
• Ныртæккæйы бизнесæн æххуысы программæты тыххæй;
• Бизнесы фадыджы хабæртты кæнæ уæвæг секторы ахуырты тыххæй.
Кæсут лæггадæй пайда кæныны этаптæ æмæ уавæртæм веб-фарсыл: (https://growthhub.gov.ge/ka > ბიზნესის მხარდაჭერა > ინფორმაციით უზრუნველყოფა)