Æнæниздзинад хъахъхъæнынадмæ бацæуын у адæймаджы бындурон бар. Уыцы-иу рæстæг рынчынæн иттæг ахсджиаг у, цæмæй æнæдызæрдыг уа, хæрзхъæддæр медицинон лæггæдтæ кæй исы æмæ йе ‘нæниздзинад профессионалты къухы кæй ис, уый.
Растдæр уымæн кусы уникалон механизм, цæрæг адæмæн, кæцытæ цæрынц (легитимонæй) Абхазы æмæ Цхинвалы регионты: куы бахъæуа, уæд уын ис фадат, цæмæй райсат иууыл бæрзонддæр гъæдджын медицинон лæггæдтæ бынтон æнæаргъæй, æнæ Гуырдзыстоны æмбæстагдзинадæй; Пайда кæнут нырыккон медицинæйы фæстаг æнтыстытæй æмæ æгъдæуттæй, кæцытæ гæнæн ис æмæ ахсджиаг роль æххæст кæной уæ æмæ уæ бинонты уæнгты æнæниздзинад хъахъхъæныны хъуыддаджы.
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды фадыджы фæстаг реформæтæ сарæзтой медицинон лæггæдты уникалон моделтæ, кæцытæ иуæй-иу цауты дунейы æнæпрецедентон æмæ уникалоныл нымад цæуынц. Уый фæстиуæгæн бæрзонд æмвæзады медицинон уагдæттæ æмæ профессионалон медицинон персонал бацархайдзысты, цæмæй æнæниздзинады къуылымпыйы цауы, уый райстаид хæрзхъæд медицинон лæггæдтæ æмæ нырыккон стандарттæ æмæ методты лæггæдтæ бынтон æнæаргъæй.
Дæхи æнæниздзинадæн тæссаг ма у, уымæн æмæ алцыдæр райдайы æнæниздзинадæй.