Бенефициартæ:
Психикон æнæниздзинады программæйæ спайда кæнын сæ бон у Абхазы æмæ Цхинвалы регионты цæрæг адæмæн бынтон æнæаргъæй.
Программæйы æмвæзад:
Медицинон лæггæдтæ психикон æнæниздзинады проблемæтимæ адæмæн
Хуызтæ сты:
• Æхсæнадон амбулаторон лæггæдтæ
• Æхсæнадон мобилон къорды лæггæдтæ
• Психосоциалон реабилитаци
• Сывæллæтты психикон æнæниздзинад - амбулаторон æмæ стационарон лæггæдтæ
• Психиатрион кризисы æххуысы службæ 16-65 азы кары хистæртæн
• Психикон стационарон лæггæдтæ хистæртæн
• Психикон хъæндзинæдтæ кæмæн ис, ахæм инвалидтæн æмбæхсæн бынæттæ дæттын
Программæмæ бахаст æмæ бавдисинаг документтæ:
Программæмæ бацæуыны тыххæй Абхаз æмæ Цхинвалы районты цæрæг адæймаг:
- Регистрацийы бындурыл æнæмæнгхъæуæг у персоналон номыр; кæнæ
- уа нейтралон æвдисæндар кæнæ нейтралон балцы документ; кæнæ
- Гуырдзыстоны æмбæстаджы æвдисæндар.
Æмбæлон диагноз куы сæвæрынц, уæд рынчыны æрвитынц, амынд программæ чи дæтты, уыцы уагдонмæ.
Программæйы финанскæнынад:
Психикон æнæниздзинады программæйы лæггæдтæ æххæстæй фидынц æмæ нæ домынц æфтауц фиддонтæ бенефициарæй.